Кунг-фу Пандæ иронау
Сабырдзинады дæлвæз æмæ йæ цæрджыты æнæбасæтгæ æмæ æнауæрдон мастер Тай Лунгæй хъуамæ фервæзын кæна Кæфхъуындары Æфсæддон, кæцы хуыздæрты æхсæнæй æвзæрст æрцыд, æмæ уый ссис… æнарæхст, зивæггаæнаг æмæ æдзух æххормаг пандæ По. Легендарон æфсæддонты фарсмæ: Тигрицæ, Маймули, Хъæндил, Калм æмæ Хърихъуппимæ кунг-фуйы дæсныдзинадыл кусдзæн. По базондзæн рагон тыхтоны сусæгдзинад æмæ суыдзæн Кæфхъуындары Æфсæддон йæхæдæг йæхиуыл куы баууæнда, æрмæст уæд.